Хуссар Иры президент кӕронмӕ бахӕццӕ кодта йӕ фыццаг официалон балц Сиримӕ

Балцы рӕстӕджы бӕстӕтӕ бафыстой цалдӕр бадзырд, паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд Сирийы къухдариуӕгад, ирон диаспорӕ ӕмӕ сириаг бизнесменты минӕвӕрттимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий кӕронмӕ бахӕццӕ кодта йӕ официалон балц Сириаг Арабаг Республикӕмӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

САР экономикӕйы министр: Сири баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирӕн рахизын арабаг бӕстӕтӕм

Балцы рӕстӕджы сӕххӕст сты фембӕлдтӕ президент Башар Асадимӕ, премьер-министр Имад Хамисимӕ, Сирийы Адӕмон цӕдисы сӕргълӕууӕг Хаммуд Сабагимӕ ӕмӕ Сирийы бизнес-ӕхсӕнадимӕ.

Дыууӕ бӕстӕйы президенттӕ бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд. Афтӕ ма бафыстой базарадон-сӕудӕджерадон ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд ӕмӕ базарадон-экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады фӕдыл къамисы сарӕзтады бадзырд.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий фембӕлд ирон диаспорӕйы минӕвӕрттимӕ дӕр САР-ы.

Ацӕуыны бон Хуссар Ирыстоны делегаци бабӕрӕг кодта президент Башар Асад. Сӕххӕст ис РХИ ӕмӕ САР президентты фембӕлд ӕнӕформалон уавӕры.

Дамаскы аэропорты Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ делагацийы афӕндараст кодта фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты минист Валид Муаллем.