Цахӕм хъуамӕ уа Хуссар Иры Националон пантеон

Нырма ницы дзуры фӕрссаг адӕймагӕн, Цхинвалы нуыгуылӕны кӕроны кӕй ис Ирыстоны культурон объект, цы ран ссардзысты сӕ фӕстаг ӕнцой адӕмы сгуыхт хъӕбултӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 2017 азы июны сарӕзтӕуыд Националон пантеон. Президенты указы нысангонд уыд, "пантеон арӕзт кӕй цӕуы, цӕмӕй ӕнусты баззайа республикӕйы сгуыхт политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджыты ном, афтӕ ма ӕндӕр ӕмбӕстӕгты дӕр, кӕцытӕн ис егъау хайбавӕрд зонад, культурӕ ӕмӕ аивады".

Скульптор Алан Бекоев
Хуссар Ирыстоны арæзт цæуы сгуыхт æмбæстæгты пантеон

Указ бафыссынӕй цалдӕр бон раздӕр Дзӕуджыхъӕуы йӕ цардӕй ахицӕн ирон интеллигенцийы ирд минӕвар, зынгӕ ахуыргонд ӕмӕ фыссӕг Джуссойты Нафи. Фыццаг Националон пантеоны бавӕрдтой Джуссойты Нафийы. Фӕстӕдӕр нывӕндысты рахӕссын ардӕм йӕ ӕфсымӕры дӕр – фыссӕг Хаджеты Таймураз, кӕцы ныгӕд у Цӕгат Ирыстоны Ногиры хъӕуы. Фӕлӕ уый нӕ сӕххӕст ис.

Пантеон, кӕцы хауы паддзахадон историко-культурон объекттӕм, ис Цхинвалы ныгуылӕны кӕроны, Тбеты хъӕумӕ фӕндаджы рахиз фарс. Амӕйразмӕ ацы бынаты нывӕндысты саразын Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнджыты мысӕнӕн мемориал.

Зындгонд адæмы пантеоны Цхинвалы фыццаг йе ʻнусон бынат ссардзæн Джусойты Нафи

Президенты указмӕ гӕсгӕ Националон пантеон ис Цхинвалы мэрийы бӕрны. Горӕттон хицауад хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна пантеоны хӕрзвадаты фарстытӕ. Столицӕйы администрацийы пресс-службӕйы радзырдтой Sputnik, фарстытыл нырма кӕй кусынц.

Ивгъуыд мӕй Хуссар Ирыстоны хицауад ӕркаст фарстытӕм, кӕцытӕ баст сты Националон пантеоны арӕзтадимӕ ӕмӕ равзӕрста адӕмы категоритӕ, кӕцыты-иу бавӕрдзысты уым. Фӕлӕ кӕронбӕттӕн уынаффӕ рахӕссыны бар ацы фарстайы фӕдыл ис президентӕн.