Хуссар Иры уагъд цӕуы диспансеризаци цӕрджытӕн

Диспансеризацийы ахсджиаг хӕс у уӕззау низты сӕйраг фактортӕ ссарын ӕмӕ сӕ скоррекци кӕнын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Цхинвалы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны административон районты уагъд цӕуы диспансеризаци цӕрджытӕн Федералон медико-биологон агентады тыхтӕй, хъусын кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-сслужбӕ.

Хуссар Иры Дзауы районы 200 цӕрӕгӕй фылдӕр рацыдысты диспансеризаци

Диспансеризацийы ахсджиаг хӕс у уӕззау низты сӕйраг фактортӕ ссарын ӕмӕ сӕ скоррекци кӕнын.

Цӕрджытӕ цӕуынц лабораторон сгарӕн, флюорографи, маммографи, ЭКГ. Цӕрджыты ӕнӕниздзинад сгарынц нарӕг профилы специалисттӕ — терапевт, невролог, кардиолог, хирург, гинеколог, офтальмолог, оториноларинголог, уролог.

"Диспансеризацийы рӕстӕджы фенынц куыстуатты кусджыты къордты ӕмӕ цӕрджыты та территориалон принципмӕ гӕсгӕ. Сывӕллӕтӕ ацӕуынц хирург, невролог, кардиолог ӕмӕ педиатры басгӕрст", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Цӕрджыты медицинон басгӕрст цӕуы графикмӕ гӕсгӕ ӕмӕ адаргъ уыдзӕн 30 августмӕ.