Пӕррӕстаты Дмитрий РХИ адӕмон артисты номы тыххӕй: нӕ ӕнхъӕлмӕ кастӕн ахӕм хорзӕхмӕ

Республикӕйы популярон артисты схорзӕхджын кодтой "театралон аивады фадыджы сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ активон сфӕлдыстадон архайды тыххӕй"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий радта Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисты ном Паддзахадон драмон театры актер, парламенты депутат Пӕррӕстаты Дмитрийӕн.

Киноныв Пæррæстаты Дмитриимæ террористы ролы рацæудзæн прокаты

Стыр хорзӕх актер райста "театралон аивады фадыджы сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ активон сфӕлдыстадон архайды тыххӕй".

"Стыр бузныг дӕн президент ӕмӕ парламенты спикерӕн, кӕцытӕ баххуыс кодтой сорганизаци кӕнын "Решение о ликвидации" кинонывы премьерӕ, кӕцыйы равдысты мын ӕнӕнхъӕлӕджы радтой адӕмон артисты ном", — радзырдта Sputnik Пӕррӕстаты Дмитрий.

Уый ныхас радта, алцыдӕр кӕй араздзӕн, цӕмӕй йӕ кӕсджыты ныфсытӕ ма фӕмӕнг кӕна ӕмӕ аргъ кӕндзӕн Адӕмон артисты стыр номӕн.

"Бузныг алкӕмӕн дӕр, чи ӕрбацыд премьерӕмӕ. Ӕз дарддӕр дӕр кусдзӕн, фӕлӕ ӕндӕр бӕрнимӕ, размӕ кӕндзӕн ирон культурӕ", — загъта актер.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы сабаты 4 августы, ацыд киноныв "Решение о ликвидации"-йы премьерон равдыст. Киноныв радзырдта 2006 азы цауты тыххӕй, операци куы ауагътой, цӕмӕй цӕцӕйнаг террористты хистӕртӕй иу Шамиль Басаевы аиуварс кӕной.

Уӕрӕсейы иууыл æгъатырдæр террорист Шамиль Басаевы æмгары роль ахъазыд Пӕррӕстаты Дмитрий. Ацы куыст у йæ дебютон куыст кинойы, куыд сæйраг фæлгонцтæй иуы æххæстгæнæг, афтæ. Уымæй размæ ма Дмитрий ахъазыд сериалтæ "Солдаты" æмæ "Тайная стража"-йы.