Киноныв Пæррæстаты Дмитриимæ террористы ролы рацæудзæн прокаты

© Sputnik / Мосфильм Ӕвдæм июны прокаты рацæудзæн ирон актер Пæррæстаты Дмитриимæ киноныв
Ӕвдæм июны прокаты рацæудзæн ирон актер  Пæррæстаты Дмитриимæ киноныв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фильм "Решение о ликвидации"-йы презентаци ацыд цыппæрæмы

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Уæрæсейы иууыл æгъатырдæр террорист Шамиль Басаевы аиуварс кæныны фæдыл операцийыл таурæгъгæнæг фильм "Решение о ликвидации" 7 июны рацæудзæн уæрæх прокаты, хъусын кæны "Мосфильм"-ы сайт.

Пæррæстаты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон актеры дебют: Пæррæстаты Дмитрий сæххæст кодта террористы фæлгонц

Киноныв "Решение о ликвидации" ист æрцыд Цæгат Ирыстоны. Сæйраг рольтæй иу сæххæст кодта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, РХИ паддзахадон театры иууыл ирддæр актертæй иу Пæррæстаты Дмитрий. Уый у йæ дебютон куыст кинойы, куыд сæйраг фæлгонцтæй иуы æххæстгæнæг, афтæ. Уымæй размæ ма Дмитрий ахъазыд сериалтæ "Солдаты" æмæ "Тайная стража"-йы.

"Фильм "Решение о ликвидации" уæрæх экранмæ рахиздзæн 7 июнæй фæстæмæ. Уый агъоммæ та "Мосфильм"-ы уазджытæн ис уникалон фадат фенын стæм кадртæ, киноныв куыд ист цыд, уымæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

© Sputnik / FacebookӔвдæм июны прокаты рацæудзæн ирон актер Пæррæстаты Дмитриимæ киноныв
Ӕвдæм июны прокаты рацæудзæн ирон актер  Пæррæстаты Дмитриимæ киноныв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвдæм июны прокаты рацæудзæн ирон актер Пæррæстаты Дмитриимæ киноныв

Фильмы презентаци ацыд цыппæрæмы, 31 майы. Ирон актер Пæррæстаты Дмитрий кинонывы ахъазыд Уæрæсейы иууыл æгъатырдæр террорист Шамиль Басаевы æмгары роль. Уымæй дарддæр ма дзы архайынц æндæр ирон актертæ, се ʻхсæн цæгатирыстойнаг Фидарты Сослан, эпизодон фæлгонц дзы ис РХИ театры актер Мамиты Григорийæн дæр.

Фильмы æвдыст цæуынц 2006 азы цаутæ, Шамиль Басаев æмæ йæ æмархайджытæ куынæг куы рцыдысты. Сценарий бындуриуæг кодта раргомгонд факттыл. Сæйраг террористы ролы архайы цæцæйнаг актер Аюб Цингиев. Сæйраг фæлгонцты ма ахъазыдысты Игорь Петренко, Алексей Вертков.

Ног хабӕртты лентӕ
0