ХИПУ-йы студентты базонгӕ кӕндзысты криминалон милицийы куыстимӕ

Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуынц практикӕ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты – дыууӕ къуыри уыдоны зонгӕ кӕндзысты Мидхъуыддӕгты министрады хайадты куыстимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультеты ӕртыккӕгӕм курсы студенттӕ райдыдтой ахуыр кӕнын мидхъуыддӕгты оргӕнты практикон архайды лыстӕгдзинӕдтӕ. Амӕйразмӕ студенттӕ ацыдысты практикӕ республикӕйы тӕрхоны оргӕнты, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Сомбоны юристты адих кодтой МХМ хайадтыл, цы ран милицийы фӕлтӕрд кусджытӕ зонгӕ кӕнынц практикантты барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты куыстимӕ. Дыууӕ къуыри студенттӕ ахуыр кӕндзысты криминалон милици, районон мидхъуыддӕгты хайадты ӕмӕ ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы куыст.

"Практикӕйы нывӕзтмӕ гӕсгӕ студенттӕ базонгӕ уыдзысты криминалон милицийы куыстимӕ, базондзысты нӕ нормативон-барадон акттӕ ӕмӕ законты тыххӕй, кӕцытӕм гӕсгӕ кусы нӕ оперативон-сгарӕн архайд. Ахуырты рӕстӕджы ӕркӕсдзысты хӕслӕвӕрдтӕм, кӕцытӕ ӕвӕрд сты криминалон милицийы хайадты раз", — банысан кодта криминалон милицийы хистӕры хӕдивӕг Козаты Александр.

Уӕрӕсейы МХМ ахуыргӕнӕндӕтты курсанттӕ цӕуынц практикӕ Хуссар Иры

Афтӕ ма студенттӕ фендзысты кусджыты архайд дӕр оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы.

Практикон курсы фӕстӕ студенттӕн уыдзӕн бахыгъд, кӕцыйы рӕстӕджы уыдон радзурдзысты ахуыргӕнджытӕн сӕ куысты тыххӕй.

Студенттӕ цӕуынц практикӕ Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет ӕмӕ республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады ӕхсӕн бадзырдмӕ гӕсгӕ.