Паддзахадон театр æрфысым кæндзæн "Стыр Ныхас"-ы X-æм уанел

Развæлгъау информацимæ гæсгæ, уанел ацæудзæн 25 августы Цхинвалы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы æнæрадон X-æм уанел ацæудзæн Цхинвалы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады бæрæгбоны хæдразмæ. Гуырахстджын æппæтирон мадзал æрфысым кæндзæн Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры ног бæстыхай, фехъусын кодта Sputnik змæлды хуссарирыстойнаг хайады хистæр Гаглойты Роберт.

Бибылты Анатолий банхъардта ауадзын ирон адæмы уанел Хуссар Иры

"Иры Стыр Ныхас"-ы хъусдарды бын сты æгъдæутты, æвзаджы æмæ æндæр фарстытæ.

"X-æм уанел фæнд кæнæм ауадзын Цхинвалы 25 августы. Уынаффæмæ цы фарстытæ рахæсдзыстæм, уыдон нымæц у стыр. Фидарæй зæгъæн ис ам кæй æрдзурдзысты ирон æгъдæуттыл, æвзагы фарстытыл, национ идеи сфидар кæныныл, стæй ма хъусдард здæхт æрцæудзæн Тырсыгомы фарстмæ дæр", — загъта Гаглойты Роберт.

Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр ныхас"-ы æнæрадон IX уанел ацыд ивгъуыд аз 27 октябры Цæгат Ирыстоны.