Бибылты Анатолий банхъардта ауадзын ирон адæмы уанел Хуссар Иры

Президент РЮО встретился с с председателем МОД "Высший совет осетин"
Президент РЮО встретился с с председателем МОД Высший совет осетин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сæргълæууæг фембæлд Цхинвалы Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы сæргълæууæг Кучиты Русланимæ

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахаста фæндон ирон адæмы радон уанел ауадзын Цхинвалы Уæрæсейы æрдыгæй банымадыл 10 азы сæххæсты цытæн мадзæлтты рæстæджы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Амæй размæ уанел æз бахастон фæндон ирон адæмы радон съезд Хуссар Ирыстоны ауадзын Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады бон ", — загъта президент Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы сæргълæууæг Кучиты Русланæн.

Роберт Гаглойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Стыр Ныхас" æрæмбырд кæндзæн Ирыстоны дыууæ хайы минæвæртты

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, юбилейон датæ нысаниуæгджын кæй у ирæттæн æмæ банымадта, ацы бон раст кæй уыдзæн ирæтты æрбамбырд кæнын.

Ныхасы рæстæджы дзырд цыд организацийы архайдыл æмæ йæ куыст фæхуыздæр кæныны фадæттыл.

"Фæнды мæ зæгъын, "Стыр Ныхас" кæй у ахсджиаг организаци Ирыстонæн æмæ ирæттæн. Махæй алчидæр ахъаз кæндзæн йæ куыст фæхуыздæр кæнынæн æмæ йæ авторитет фæбæрзонддæр кæнынæн", — загъта президент.

Уый ма бафтыдта, организаци "кæй æххуыс кæны йæ адæмæн раст фæндагыл цæуын æмæ цæрын ирон традицитæ æмæ æгъдæуттæм гæсгæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0