Басаст артӕфтыдыл: Хуссар Иры ӕрцахстой хъӕутӕй иуы цӕрӕджы

Фыдракӕнд сӕххӕст ис ивгъуыд къуыри, фыдгӕнӕг басаст артӕфтыдыл, фехъусын кодтой Мидхъуыддӕгты министрады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Знауыры районы цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта Цъиндары хъӕуы хӕдзарыл арт бафтауыны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры Цхинвалы районы аиуварс кодтой зынгирвӕзт

Фыдракӕнд ӕрцыд ивгъуыд къуыри, Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой 37-аздзыд бынӕттон цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта артӕфтыды тыххӕй.

"Зынгивӕрзт ӕрцыд хӕдзары дыккӕгӕм уӕладзыгыл, ӕнӕцӕрӕн агъуысты, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн хатӕны басыгъд сугӕй стъол ӕмӕ матрас. Фыдгӕнӕг басаст артӕфтыдыл", — банысан кодта МХМ.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, артӕфтыды ӕрмӕджытӕ бадӕттой МХМ фӕдагуырды хайадмӕ.