Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой гӕн зайын кӕныны тыххӕй

Барадхъахъхъӕнджытӕ ссардтой столицӕйы цӕрӕгмӕ гӕны къутӕр, кӕцы уый зайын кодта хӕдзары йӕ цӕхӕрадоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕгмӕ ссардтой ӕмӕ байстой зайӕгойтӕ, кӕцыты ис наркотикон буарад, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры цӕрӕджы ӕрцахстой гӕн зайын ӕмӕ дымыны тыххӕй

Цхинвалы милицийы наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайады кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы ссардтой столицӕйы 39-аздзыд цӕрӕджы цӕхӕрадоны гӕны ӕртӕ къутӕр.

"МХМ экспертон-криминалистон хайад сбӕрӕг кодта, зайӕгойы кӕй уыд наркотикон буарад тетрогидроканнабинол", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Басгӕрст уадзы Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад.