Банымады бонмæ Хуссар Иры уыдзæн "даргъ улæфгæ бонтæ"

Хицауадæй фехъусын кодта улæфгæ бонты нымæц æмæ æгъдау Республикæйы хæдбардзинады банымады бонмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад радта бардзырд улæфгæ бон 26 август, бæстæ йы хæдбардзинад банымайны бон куы нысан кæна, уый фæдыл улæфт бон ахæсын къуырисæрмæ.

Президенты æххуысгæнæг радзырдта, куыд банысан кæндзысты Цхинвалы банымады бон

Афтæмæй, ног къуыри Хуссар Иры уыдзæн дæргъвæтин улæфгæ бонтæ – цæрджытæ баулæфдзысты 25, 26 æмæ 27 августы (сабат, хуыцаубон æмæ къуырисæр), фехъусын кодтой Sputnik Хицауады аппараты.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады бон Уæрæсейы æрдыгæй нысан цæуы 26 августы — раст уыцы бон 2008 азы Уæрæсейы Федераци банымадта Хуссар Иры хæдбардзинад. Уый фæстæ Уæрæсейы бафæзмыдтой Никарагуа, Венесуэла, Науру æмæ Сири.