Ирыстойнаг спортсментӕ ссисты Уӕрӕсейы ерысты призертӕ тхэквондойӕ

Ерысты фӕстиуӕгӕн ирон тхэквондисттӕ райстой бар Европӕйы чемпионаты хайад райсын, кӕцы ацӕудзӕн ноябры Варшавӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik. Ирон тхэквондисттӕ сӕхи хорз равдыстой Уӕрӕсейы чемпионаты тхэквондойӕ фӕсивӕды ӕхсӕн U-21, рамбылдтой иу сыгъзӕрин ӕмӕ дыууӕ ӕвзист майдан, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Дыууæ ирон богал рамбылдтой Уæрæсейы чемпионат

Турнир цыд горӕт Елабугайы (Тӕтӕрстан).

"68 килограмм уӕзы категорийы фыццаг къӕпхӕнмӕ схызт Цакъоты Сӕрмӕт. Ӕвзист майданты хицӕуттӕ ссисты Гуырцъыты Георгий (58 килограмм) ӕмӕ Танделаты Георгий (87 килограмм)", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ерысты фӕстиуӕгӕн ирон тхэквондисттӕ райстой бар Европӕйы чемпионаты хайад райсын, кӕцы ацӕудзӕн ноябры Варшавӕйы.

Спортсменты ерыстӕм цӕттӕ кодтой тренертӕ Авет Оганесянц, Хлойты Тамерлан, Ногъайты Алан, Астан Николов ӕмӕ Рашид Шоров.