Хъорнисæй Чъециагмæ: Знауыры районы бæрзонд хъæумæ балыг кодтой фæндаг

Чъециагы хъæу у Хъорнисæй 3,8 километры цæгатдæр æвæрд, ам ма цæры 20 хæдзары бæрц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Знауыры районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ фæуыд кæнынц арæзт Хъорнисæй Чъециагмæ фæндаг, цыппар километры бæрц фæндаг рараст кодтой æмæ зынгæ фæуæрæхдæр кодтой, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службæйы.

Улӕфт боны маршрут: Цхинвал-Знаур-Терегуан-Дзагъина-Бехъмар- Хъорнис

Чъециагы хъæу у Хъорнисæй 3800 километры цæгатдæр æвæрд, ам ма цæры 20 хæдзары бæрц.

"Фæндаг бирæ æзты дæргъы æййæфта æрмæст рог цалцæг, ныр та йæм бавнæлдтой бæстонæй. Хуыр ласт цæуы цæугæдонæй æмæ йæ стæй лыстæг кæнынц. Фæндагарæзтадон куыстытæ цæуынц ныр дыууæ къуырийы бæрц. Ацы дыууæ бон куыстытæ балхынцъ уыдзысты", — загъта пресс-секретарь Оттаты Алена.

Фæндагарæзтадон куыстытæ æххæст кæнынц районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ. Цалцæггæнæн куыстытæн хицæн æрцыд 1 милуан æмæ 500 сомы.

Фæндаг Хъорнис-Чъециаг