Форум "Машук-2018"-ы уагъд цӕуы Цӕгат Ирыстоны бон

Регионы боны цытӕн сарӕзтой националон ӕрмгуыстты презентаци, афтӕ ма культурӕ ӕмӕ цардуавӕры дзауматы равдыст дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik. Форум "Машук-2018"-ы къуырисӕры ацӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны Боны, хъусын кӕны телеканал "Алани"-йы интернет-сайт.

"Таврида- 2018": Хуссар Иры фæсивæдæн ис фадат форуммæ балцæгтыл стох кæнын

Ацы аз форум уыд нывонд волонтеры азы цытӕн. Фӕзуат райста Уӕрӕсейы Федерацийы 31 субъекты минӕвӕртты. Цӕгатирыстойнаг делегацийы сконды ис сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕр.

"Регионы боны цытӕн сарӕзтой националон ӕрмгуыстты презентаци, афтӕ ма культурӕ ӕмӕ цардуавӕры дзауматы равдыст дӕр", — дзырдӕуы телеканалы хъусинаджы.

Цӕгат Кавказы IX фӕсивӕдон ахуырадон форум "Машук-2018" райдыдта Пятигорскы, 11 августы. Форумы фӕзуатыл фӕсивӕдӕн лекцитӕ фӕрсынц зындгонд политиктӕ, артисттӕ, бизнесментӕ ӕмӕ депутаттӕ.