Цхинвалы цæрæг барвæндонæй радта милицийæн Калашниковы автомат

Криминалон милицийы кусджытæ сгарынц, куыд бахаудта хæцæнгарз горæты цæрæгмæ, афтæ ма йæ радтыны уавæртæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад хъусын кæны барвæндонæй æнæрегистрацигонд хæцæнгарз радтыны цауы тыххæй, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Барадхъахъхъæнæг органты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæлгоймаг барвæндонæй радта милицийæн Калашниковы автомат(АК-74), афтæ ма йæ нæмгуытæ дæр.

"Горæты цæрæг бамбарын кодта, хæцæнгарз ссардта æмæ йæ барвæндонæй радта йæхи уголовон бæрндзинадæй бахизыны тыххæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Криминалон милицийы кусджытæ сгарынц, куыд бахаудта хæцæнгарз горæты цæрæгмæ, афтæ ма йæ радтыны уавæртæ

МХМ бирæ хатт сидт цæрджытæм барвæндонæй хæцæнгарз, рæмудзæн æрмæг æмæ нæмыг радтынмæ.