Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ цӕттӕ сты Банымады бонмӕ

Мидхъуыддӕгты министрад хыгъд радта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады Бонмӕ цӕттӕдзинады тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Цхинвалы ацыд милицийы кусджытӕ ахуырадон мадзӕлтты фӕстаг этап Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады Банымады бонмӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры æвзæрстыты фæтк хъахъхъæндзæн МХМ-ы хисæрмагонд сконд иууылдæр

Милицийы цӕттӕдзинады тыххӕй радзырдта ӕхсӕнадон ӕдасдзинады милицийы хистӕр, милицийы инӕлар-майор Лалыты Геннадий. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ахуырадон мадзӕлттӕ цыдысты цалдӕр бон. Милицийы кусджытӕ тыхон структурӕтимӕ куыстой ӕхсӕнадон фӕткы хъахъхъӕнынады архайдтыл.

Бӕрӕгбоны тыххӕй МХМ кусджытӕ 24 августӕй фӕстӕмӕ ракӕндзысты фӕтыхджындӕргонд службӕмӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы хъахъхъӕндзысты мидхъуыддӕгты органты 500 кусӕджы.