УФ Генералон прокуратурӕ райста Хуссар Иры делегаци

Республикӕйы делегаци Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы сӕргълӕудӕй ӕрдзырдта УФ Генералон прокуратурӕимӕ дарддӕры ӕмгуыстады фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Абон, 22 августы, Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокуратурӕйы сӕххӕст ис фембӕлд Хуссар Ирыстоны генералон прокуроримӕ. Мадзалы рӕстӕджы бадзырдтой дарддӕры ӕмгуыстады фӕдыл 2018-2019 ӕзты УФ ӕмӕ РХИ Генералон прокуратурӕты ӕмгуыстады программӕйы фӕлгӕтты.

Прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг ӕрсиддоны фӕнӕмыны фӕдыл

Мадзалы хайад райстой УФ генералон прокуроры хӕдивӕг Николай Винниченко ӕмӕ хуссарирыстойнаг делегацийы минӕвӕрттӕ, кӕцыйы сӕргъ лӕууы республикӕйы генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг, хъусын кӕны УФ Генералон прокуратурӕйы пресс-службӕ.

Винниченко банысан кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны прокуратурӕты ӕхсӕн ахастытӕ сты хӕларадон. Мадзалы хайадисджытӕ загътой сӕ хъуыдытӕ куысты методты тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдтой, ацы фембӕлд пайда кӕй уыдзӕн сӕ дарддӕры службӕйы архайды.

Тымбыл фынджы форматы ӕрдзырдтой прокуророн цӕстдарды организацийы тыххӕй, цӕмӕй уголовон ӕфхӕрды рӕстӕджы архайой законмӕ гӕсгӕ.

Амӕйразмӕ, 2018 азы, ауагътой тымбыл фынг прокуророн цӕстдарды фарстыты фӕдыл, цӕмӕй хицауад уадза барадон акттӕ законмӕ гӕсгӕ.