Знауыры фæзындзæн Фыдыбæстон хæсты зынгхуыст хъайтарты номарæн мемориал

Поселочы тæккæ центры арæзтад цæуы хæрзаудæн фæрæзтæй. 1989-2008 æзты хæсты зынгхуыст хъайтарты ном сæнусон кæныны хъæппæрис равдыстой сæхæдæг цæрджытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы центры арæзт цæуы Фыдыбæстон хæсты зынгхуыст хъайтарты номарæн мемориал. Цырты эскиз бацæттæ кодта Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Багаты Феликс, кæцыйы проектмæ гæсгæ фæзынд æнгæс цырт Ленингоры районы ивгъуыд аз, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы пресс-службæйы.

1989-2008 æзты Хуссар Ирыстоны хæсты зынгхуыст хъайтарты ном сæнусон кæныны хъæппæрис равдыстой сæхæдæг цæрджытæ.

"Фыдыбæстон хæсты хъайтарты номарæн мемориалы арæзтад цæуы тæккæ поселокы центры, администрацийы бæстыхайы ныхмæ, йæ тæккæ фарсмæ та ис Фырсыгъдæг Мад Майрæмы Фынæты аргъуан. Арæзтадон куыстытæ ныридæгæн сты сæ тæмæны, калд æрцыд мемориалæн бындур", — загъта пресс-секретарь Оттаты Алена.

Ленингоры районы фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн сæвæрдтой цырт

Цæрджытæ уал ныры онг æрæмбырд кодтой мемориалы арæзтадæн 300 мин сомы бæрц.

"Фæрæзты фылдæр хай хардз æрцыд. Адæм æххуыс кæнынц канд фæрæзтæй нæ, фæлæ ма арæзтадон æрмæгæй дæр. Кæмæн цы æнтысы, уымæй йæ хайбавæрд хæссы хъайтарты ном сæнусон кæныны фæрныг хъуыддагмæ. Куыстыты стыр гуырахст сæххæст кодтой районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ. Æмтгæй егъау мемориал слæудзæн 3 милуаны онг. Арæзтады фæдыл цы сæрмагонд къамис ʻрцыд арæзт, уыдон ныфс ис республикæйы къухдариуæгад дæр сын кæй феххуыс кæндзысты", — бафтыдта Оттаты Алена.

Фыдыбæстон хæсты зынгхуыст хъайтарты номарæн мемориалы проект

7 метры бæрзæндæн мемориалон композицийы уыдзæн цалдæр скульптурæ — йæ центры æвæрд æрцæудзæн дзуар, йæ фарсмæ хъынцъымгæнæг ныййарæг йæ хотыхджын фырт æмæ чысыл лæппуимæ. Проекты автор у Багаты Феликс, скульптурæтæ сæххæст кæндзæн Плиты Владимир.