ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. "Стыр Ныхасы" X уанел ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады боны ауадзыны рӕстӕджы республикӕйы территорийыл не сбӕрӕг кодтой ӕхсӕнадон фӕткы фехӕлдтӕ, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ бахъахъхъӕдтой ӕхсӕнадон фӕтк алы мадзалы рӕстӕджы дӕр, кӕцытӕ уыдысты нывонд юбилейон датӕтӕн. РХИ МХМ кусджытӕ 24 августӕй фӕстӕмӕ рахызтысты фӕтыхджындӕргонд службӕмӕ. Милицийы уӕлӕмхасӕн посттӕ сӕвӕрдтой мадзӕлттӕ уадзыны бынӕтты, кӕцытӕ уый размӕ басгӕрстой техникон фӕрӕзты ӕххуысӕй", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Афтӕ ма республикӕйы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сӕххӕст кодтой фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад — мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы сӕхгӕдтой столицӕйы цалдӕр фӕндаджы.
Иумӕйагӕй, ӕхсӕнадон фӕткы хъахъхъӕнынады хайад истой милицийы 500 кусӕджы.