Сирийы фӕлтӕрд Хуссар Иры: уӕрӕсейаг танкисттӕ хӕст кӕнынц тохы ног фадӕттыл

Масштабон ахуырты хайад исынц 1,5 мин ӕфсӕддоны ӕмӕ техникӕйы сӕдӕ иуӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы танкисттӕ ахуыр кӕнынц тох уадзын, Сирийы цы хӕстон фӕлтӕрддзинад райстой, уымӕ гӕсгӕ, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Хуссар федералон зылды пресс-службӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ уадзынц иумӕйаг ахуыртӕ

Цыппӕрӕм базӕйы танкистты ӕхстытӕ райдыдтой полигон "Дзарцъемы", танкты экипажтӕ скуынӕг кодтой дзырдгонд ныхмӕлӕууӕджы 50 бронемашинӕйы, кӕцыты ссардта разӕсгарӕн къорд хӕхты. Танкисттӕ ӕхстой Т-72Б3 танчы хӕцӕнгарзтӕй 4 мин метр дистанцимӕ.

Дыууӕварсон ротон-тактикон ахуыртӕ ӕхстытимӕ сты танкистты хӕстон цӕттӕкӕнынады сӕйраг этап. Хуссар федералон зылды командӕгӕнӕг, инӕлар-булкъон Александр Дворниковы амындмӕ гӕсгӕ, ахӕм ахуыртӕ уагъд цӕуынц дыууӕварсон форматы.