Цхинвалы цӕрӕг радта милицимӕ Калашниковы автомат

Ӕмбӕстаг бамбарын кодта, кӕй ссардта хӕцӕнгарз 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы ӕмӕ йӕ ныр та фӕнды раттын, цӕмӕй ма бахауа уголовон бӕрны хӕцӕнгарз ӕнӕзакононӕй ӕвӕрыны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Цхинвалы цӕрӕг барвӕндонӕй радта милицимӕ Калашниковы автомат дыууӕ агъудимӕ, хъусын кӕны ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.

Цхинвалы центры ӕрцыд хӕцӕнгарзӕй кӕрӕдзи ӕхст

Горӕты цӕрӕг бамбарын кодта, кӕй ссардта хӕцӕнгарз 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы ӕмӕ йӕ ныр та фӕнды раттын, цӕмӕй ма бахауа уголовон бӕрны хӕцӕнгарз ӕнӕзакононӕй ӕвӕрыны тыххӕй.

Криминалон милицийы кусджытӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.

Ацы мӕй уый у барвӕндонӕй хӕцӕнгарз раттыны ӕрттыкаг цау. МХМ бирæ хатт сидт цæрджытæм барвæндонæй хæцæнгарз, рæмудзæн æрмæг æмæ нæмгуытӕ раттыны тыххӕй.