Хуссар Иры УУМ: уӕлрадон бастдзинады номыр рӕстӕгмӕ нӕ кусы

Ӕххуыс кӕй бахъӕуа, уыдонмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрад хаты, цӕмӕй фӕдзурой радгӕс хайадмӕ, кӕцыйы номыр у 8 929 810 10 01
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) уӕлрадон бастдзинады номыр 112 рӕстӕгмӕ нӕ кусы уагдоны агъуысты цур дӕлзӕххон коммуникациты баивыны куыстыты тыххӕй, хъусын кӕны майрӕмбоны УУМ пресс-службӕ.

"Цард фервӕзын кӕныны тыххӕй": УУМ-ы кусджыты схорзӕх кодтой майдантӕй

"Кусджытӕ фехӕлдтой кабель, ӕмӕ уый тыххӕй ныртӕккӕ уӕлрадон бастдзинады номыр 112 рӕстӕгмӕ нӕ кусы. Уый фӕдыл мах алкӕмӕдӕр хатӕм, кӕй хъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй фӕдзурой радгӕс хайадмӕ, кӕцыйы номыр у 8 929 810 10 01", — банысан кодтой УУМ пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, хахх ныридӕгӕн цалцӕг кӕнынц ӕмӕ 112 номыр тагъд рӕстӕджы ногӕй кусдзӕн.