Хуссар Иры хицауады сӕрдар схорзӕхджын кодта майдантӕй дӕс адӕймаджы

Пухаты Эрик радта хорзӕхтӕ цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады ӕмӕ сӕудӕджерадон амалиуӕгадты кусджытӕн, афтӕ ма аразджытӕ, медиктӕ, музейы кусджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады 10-ӕм афӕдзы боны бӕрӕгбоны цытӕн хицауады сӕрдар Пухаты Эрик схорзӕхджын кодта республикӕйы цӕрджыты- алыгъуызон професситы минӕвӕртты майдантӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн", хъусын кӕны республикӕйы хицауады сӕрдар.

Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры паддзахады бындурӕвӕрджыты

Пухаты Эрик раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн.

"Нӕ республикӕ ис активон райрӕзты этапыл ӕмӕ уый тыххӕй алкӕмӕн дӕр хъӕуы ноджы фылдӕр кусын. Хъӕуы ӕнкъарын бӕрн республикӕйы фидӕныл, зӕрдиагӕй уарзын нӕ адӕмы ӕмӕ кусын нӕ Фыдыбӕстӕйы хӕрзӕбонӕн. Мӕ цӕст уын уарзы алкӕмӕндӕр, цӕмӕй уат ӕнтыстджын ацы хъуыддаджы", — радӕтта Пухаты Эрикы ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.

Иумӕйагӕй цытджын майдантӕй райстой дӕс адӕймаджы — цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады ӕмӕ сӕудӕджерадон амалиуӕгадты кусджытӕ, афтӕ ма аразджытӕ, медиктӕ, музейы кусджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ.