Хуссар Иры президенты схорзӕхджын кодтой юбилейон майданӕй

Хуссарирыстойнаг республикӕйы сӕргълӕууӕгӕн хорзӕх радта парламенты спикер Гасситы Петр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолийы схорзӕхджын кодтой майданӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн". Хорзӕхджын кӕныны церемони ацыд ӕртыццӕджы республикӕйы парламенты.

Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры паддзахады бындурӕвӕрджыты

Парламенты спикер Гасситы Петр банысан кодта, зӕгъгӕ, амӕйразмӕ ацы хъӕппӕрис хорзыл банымадтой парламенты партитӕ иууылдӕр.

"Ахӕм ӕмхъӕлӕсдзинад махмӕ арӕх нӕ вӕййы. Иууылдӕр зонынц, Бибылты Анатолий активон хайад кӕй иста Гуырдзыстоны агрессийӕн ныхмӕлӕуд раттыны ӕмӕ паддзахады арӕзтады.Уый фӕдыл мӕнӕн ӕхсызгон у сӕххӕст кӕнын парламенты фӕндон", — загъта уый.

Президент загъта бузныг депутаттӕн йӕ архайдӕн йын кӕй саргъ кодтой, уый тыххӕй.

"Кӕд мын мӕ куыстӕн афтӕ саргъ кодтат, уӕд уӕгъды нӕ цӕрын ӕмӕ кусын республикӕйы адӕмы хӕрзӕбонӕн", — загъта Бибылты Анатолий.

Паддзахады сӕргълӕууӕг йӕхӕдӕг дӕр радта юбилейон майдантӕ парламенты депутаттӕн, спикеры фыццаг хӕдивӕг Мамиты Инал, спикеры хӕдивӕг Харебаты Сергей ӕмӕ ӕндӕртӕн.