Къудухты Бесикы мысӕнӕн сисдзысты аивадон киноныв

Кинолентӕ уыдзӕн легендарон ирон спортсмены мысӕнӕн, фӕлӕ хъӕбысхӕцӕджы цардыл бындурӕвӕрд нӕ уыдзӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты призер, цыппар хатты дунейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Къудухты Бесикы мысӕнӕн сисдзысты аивадон киноныв, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Кинолентӕ равдисдзӕн ӕвзонг лӕппуйы истори, кӕцы ацыд Уӕрӕсейы столицӕмӕ кусынмӕ ӕмӕ райдыдта архайын уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй. Сӕйраг фӕлгонц кинонывы сӕххӕст кӕндзӕн цӕгатирыстойнаг актер Арсен Мартиашвили.

Афтӕ ма кинонывы хайад исы ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй америкаг спортсмен, дунейы чемпион джиу-джитсу ӕмӕ грэпплингӕй Джеф Монсон.

Кинолентӕ уыдзӕн легендарон ирон спортсмены мысӕнӕн, фӕлӕ хъӕбысхӕцӕджы цардыл бындурӕвӕрд нӕ уыдзӕн.