Цхинвалы районы скуынӕг кодтой хъӕддаг гӕны къутӕртӕ

Къутӕртӕ ссардтой Къохаты хъӕуы уагъд бынаты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Цхинвалы районы милицийы кусджытӕ скуынӕг кодтой хъӕддаг гӕны 30 къутӕрӕй фылдӕр, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой гӕн зайын кӕныны тыххӕй

Къутӕртӕ ссардтой Къохаты хъӕуы уагъд бынаты.

"Ссардтам ӕмӕ скуынӕг кодтам наркотикон буарад "гӕны" 36 къутӕр. Районы хъӕууон хӕдзарадон хайады хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, къутӕртӕ сӕрмагондӕй ничи зайын кодта", —радзырдтой МХМ.

Басгӕрст уадзы Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад.