Ирыстойнаг хъӕбысхӕцӕг рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕхсӕнадӕмон турниры

Турнир цыд Минскы (Белорусси), ирон спортсмен архайдта 70 килограмм уӕзы категорийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсмен Байаты Давид рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕртӕ хатты олимпиаг чемпион Александры Медведы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны республикӕйы спорты министьрады пресс-службӕ.

Аст майданы рамбылдтой ирон богалтæ Сомихы

Турнир цыд Минскы (Белорусси), ирон спортсмен архайдта 70 килограмм уӕзы категорийы.

"Байаты Давид тынг хорз ахӕцыд турниры, нӕ радта иу балл дӕр йӕ ныхмӕлӕуджытӕн. Финалы рамбылдта азербайджанаг Агагусейн Мустафаевы 10:0 хыгъдӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Спортсмены ерыстӕм цӕттӕ кодта тренер Цакоты Илья.