Сирийы хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй спайда кӕндзысты Хуссар Иры

Масштабон ахуыртӕ ацӕудзысты инӕлар-булкъон Александр Дворниковы къухдариуӕгадӕй, кӕцы 2015-2016 ӕзты къухдариуӕгад кодта уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕн Сирийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ Хуссар Ирыстоны хайад райсдзӕн Хуссар федералон зылды масштабон тактикон ахуырты.

Сирийы фӕлтӕрд Хуссар Иры: уӕрӕсейаг танкисттӕ хӕст кӕнынц тохы ног фадӕттыл

Мадзалы хайад райсдзысты зылды 45 мин ӕфсӕддоны. Хуссар Ирыстонӕй дарддӕр ахуыртӕ ацӕудзысты Цӕгат Ирыстон, Волгоград ӕмӕ Ростовы областы, Ставрополь ӕмӕ Кубаны, Дагестаны, Цӕцӕны, Хъырымы, афтӕ ма ӕфсӕддон базӕты Абхаз ӕмӕ Сомихы.

"Ӕфсӕдты цӕттӕкӕнынады сӕйраг хӕслӕвӕрд сӕрдыгон период уыдзӕн тактикон змӕлд ӕмӕ командӕгӕнджыты ӕнӕстандартон архайд", — банысан кодта Хуссар федералон зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников.

Иумӕйагӕй, ахуырты хайад райсдзысты 100 тӕхгӕ аппараты, се хсӕн ӕнӕпилотон авиаци дӕр.

Хуссар федералон зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников 2015-2016 ӕзты къухдариуӕгад кодта уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕн Сирийы.