Хуссар Иры банчы филиал скусдзӕн Донецкы адӕмон республикӕйы

Донецкы адӕмон республикӕйы территорийыл кусыны бар ис ӕрмӕст дӕр ДАР Централон банк ӕмӕ хуссарирыстойнаг банчы филиалӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны банчы филиал райдайдзӕн кусын Донецкы адӕмон республикӕйы территорийыл, хъусын кӕны РИА Новости. Документ ныммыхуыр кодтой ДАР министрты советы официалон сайтыл къуырисӕры, 24 сентябры.

Хуссар Ир ӕмӕ ДАР-ы Уӕлдӕр тӕрхондӕттӕ бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

"Сбӕрӕг кӕнын, зӕгъгӕ, цалынмӕ йӕ тыхы нӕ бацӕуа закон, кӕцы уаг дӕтта банкты архайдӕн, уӕдмӕ Донецкы адӕмон республикӕйы территорийыл кусыны бар ис ӕрмӕст дӕр ДАР Централон республикон банк ӕмӕ коммерцион банк "Республикӕ Хуссар Ирыстоны Ӕхсӕнадӕмон хыгъдон банчы (арӕнгонд бӕрндзинадимӕ ӕхсӕнад)" филиалӕн", — дзырдӕуы уынаффӕйы.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ. Фарон майы Хуссар Ирыстон бафыста ДАР-имӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд.