"Газпром Хуссар Ирыстон" куыстуаты арӕзтадыл ӕрдзырдтой хицауады

Уӕрӕсейаг специалисттӕ сӕ ирон коллегӕтимӕ кусынц организацион фарстытӕ ӕмӕ документацийыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕрдзырдта Уӕрӕсеимӕ газифтонгады фӕдыл бадзырды реализацийыл сӕудӕджерад, энергетикӕ ӕмӕ транспорты комитеты сӕргълӕууӕг Бекойты Геннадий ӕмӕ "Газпром трансгаз Ставрополь"-ы генералон директоры хӕдивӕг Денис Стороженкоимӕ.

Хицауады ӕрдзырдтой Хуссар Ир ӕмӕ Газпромы ӕхсӕн мадзӕлтты нывӕзты фӕдыл

Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд "Газпром Хуссар Ирыстон" куыстуаты арӕзтадыл, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. Куыстуат къухдариуӕгад кӕндзӕн газы комплексӕн Хуссар Ирыстоны территорийыл.

Стороженко фехъусын кодта, зӕгъгӕ, "Газпром трансгаз Ставрополь"-ы дӕс кусӕджы ирон специалисттимӕ иумӕ цалдӕр боны куыстой организацион фарстытӕ ӕмӕ техникон документацийыл.

Пухаты Эрик, куыд Хуссар Ирыстоны кусӕгон къорды сӕргълӕууӕг, банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕйы газифтонгад ратдзӕн ног куыстбынӕттӕ.

"Республикӕйы газифтонгад ратдзӕн хорз эффект, кӕцы райтынг кӕндзӕн экономикӕ, социалон сферӕ, афтӕ ма фӕхуыздӕр уыдзӕн республикӕйы инвестицион уавӕр дӕр. Ноджы уый фӕстиуӕгӕн фӕзындзӕн ног куысты бынӕттӕ дӕр", — загъта Пухаты Эрик.

Республикӕйы газифтонгады нывӕзтмӕ гӕсгӕ сараздзысты газы хӕтӕл, кӕцыйы дӕргъ уыдзӕн 900 километры ӕмӕ цӕудзӕн Хуссар Ирыстоны 200 цӕрӕн пунктыл. Хуссар Ирыстоны газифтонгады куыстыты комплексӕн "Газпром" рахицӕн кӕндзӕн 2,5 миллиард сомы.