МХМ: Хуссар Иры дарддӕр агурынц Уӕрӕсейы фесӕфӕг ӕмбӕстаджы

Уӕрӕсейы Федерацийы фесӕфӕг ӕмбӕстагыл ориентировкӕ арвыстой республикӕйы районтӕм дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ дарддӕр дӕр агурынц УФ 21-аздзыд ӕмбӕстаджы — ориентировкӕ арвыстой горӕты ӕмӕ районты мидхъуыддӕгты хайадтӕм, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ агуры Уӕрӕсейы Федерацийы фесӕфӕг ӕмбӕстаджы

Горӕты мидхъуыддӕгты хайады хистӕр Мӕргъиты Уырызмӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, нӕлгоймаджы агурынц республикӕйы столицӕйы, фӕлӕ дзы фӕстиуджытӕ нырма нӕй.

Афтӕ ма фесӕфӕг нӕлгоймаджы агуры оперативон-сгарӕн къорд Знауыры районы.

"Фесӕфӕг нӕлгоймаджы знон ӕмбисӕхсӕвмӕ агуырдтой Знауыры районы хъӕуты. Агуырды хайад райстой Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайады 20 кусӕгӕй фылдӕр", — банысан кодта къорды разамонӕг Собаты Азӕмӕт.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, ӕвзонг лӕппуйы агурыны ӕххуыс кӕнынц бынӕттон цӕрджытӕ дӕр.