Уӕрӕсейаг уазнывгӕнджытӕ ӕрцӕудзысты Цхинвалмӕ аргъуаны къултӕ ныв кӕнынмӕ

Уазнывгӕнӕджы къорд ныридӕгӕн дыккаг хатт ӕрцӕудзӕн Цхинвалмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Уӕрӕсейаг уазнывгӕнджытӕ 9 октябры ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй сныв кӕной Уӕрӕсейы рӕстдинон аргъуаны къултыл, хъусын кӕны РИА Новости уазнывгӕнӕн ӕрмадзы сӕргълӕууӕг Олег Шуркусы ныхӕстӕ.

Уӕрӕсейаг реставратортӕ ӕркастысты астӕузаманы аргъуантӕм Хуссар Иры

Шуркус банысан кодта, 12 уазнывгӕнӕджы къорд ныридӕгӕн дыккаг хатт кӕй ӕрцӕудзӕн Цхинвалмӕ — 2018 азы ма уыдон уыдысты ам.

Афтӕ ма уый фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы рӕстдинон аргъуаны къултыл уазнывтӕ кӕныны тыххӕй уыдон равзӕрстой традицион схемӕ.

Уӕрӕсейы рӕстдинон аргъуаны арӕзтад Цхинвалы райдыдта 2015 азы, ныридӕгӕн дзы уадзынц службӕтӕ. Олег Шуркусы Уазнывгӕнӕн ӕрмадз уӕвы 1996 азӕй фӕстӕмӕ, йӕ уазнывгӕнджытӕ сныв кодтой Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕнты 40 аргъуаны къултыл.