Ирыстойнаг спортсменкӕтӕ сӕхи хорз равдыстой ӕхсӕнадӕмон турниры боксӕй

Турнир цыд горӕт Орелы ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта 120 спортсменкӕйы Уӕрӕсейы Федерацийы алыгъуызон субъекттӕй ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Ирыстойнаг спортсменкӕ Хъайсынты Сабина рамбылдта сыгъзӕрин майдан чызджыты ӕхсӕн боксы турнир "Осенний вызов"-ы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирыстойнаг спортсмен рамбылдта Уӕрӕсейы ерыстӕ ММА-йӕ

Турнир цыд горӕт Орелы ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта 120 спортсменкӕйы Уӕрӕсейы Федерацийы алыгъуызон субъекттӕй ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнтӕй.

"Хъайсынты Сабина рамбылдта турниры сыгъзӕрин майдан чызджыты ӕхсӕн 70 килограмм уӕзы категорийы. Аннӕ ирон спортсменкӕ Къуылыхты Кристина та рамбылдта ӕвзист майдан 66 килограмм уӕзы категорийы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, спортсменкӕты ерыстӕм цӕттӕ кодтой тренертӕ Плиты Роберт, Козаты Таймураз ӕмӕ Джиоты Хъазбег.