Цӕгат Иры УУМ хыгъдлӕвӕрд радта найӕн сезоны рӕстӕджы амӕттӕгты тыххӕй

Уӕлвӕткон уавӕрты министрады банысан кодтой, адӕм иууылдӕр кӕй амардысты найынӕн ӕнӕбӕзгӕ бынӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕрды найӕн сезоны рӕстӕджы фӕмард сты аст адӕймаджы, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ. Цаутӕ иууылдӕр ӕрцыдысты найынӕн ӕнӕбӕзгӕ бынӕтты, сӕ сӕйраг аххосӕгтӕ та уыдысты нозтджынӕй найын ӕмӕ сывӕллӕттӕм цъус хъусдард хистӕртӕй, банысан кодтой уагдоны.

Цхинвалы цӕрӕджы аласта цӕугӕдон йӕхи найыны рӕстӕджы

"Найыны сезоны рӕстӕджы арӕзт цыд стыр куыст, цӕмӕй ма бауадзӕм ӕнамонд цаутӕ. Доны объектты адӕмы ӕдасдзинады хайады кусджытӕ ауагътой профилактикон ныхас ӕмбӕстӕгтимӕ ӕмӕ патруль кодтой цӕугӕдӕтты алывӕрсты", — радзырдта доны объектты адӕмы ӕдасдзинады хайады сӕйраг специалист Кудзиты Тамерлан.

Афтӕ ма сывӕллӕтты бахъахъхъӕныны фӕдыл Цӕгат Ирыстоны ауагътой акци "Научись плавать", кӕцыйы хайад райстой дыууӕ мин адӕймагӕй фылдӕр.