Хуссар Иры нозтджын шофыр ныццавта пенсиисӕджы

Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд Цхинвал-Ленингор фӕндаджы дӕсӕм километрыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ВАЗ-2106 хӕдтулгӕйы 37-аздзыд шофыр ныццавта Ксуисы хъӕуы 86-аздзыд цӕрӕджы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы хӕдтулгӕ ныццавта сылгоймаджы

Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд Цхинвал-Ленингор фӕндаджы дӕсӕм километрыл.

"Цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафӕджы — Цхинвалы районы Ксуисы хъӕуы 86-аздзыд цӕрӕджы буары цӕфтимӕ аластой республикон соматикон рынчындонмӕ", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, ВАЗ-2106 хӕдтулгӕйы шофыр, Сатихъары цӕрӕг, уыд нозтджын. Цауы ӕууӕлтӕ бӕрӕг кӕны Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад.