Уæрæсейы хуыздæр богалтæ сæ уæлахизтæ снывонд кæндзысты Къудухты Бесикæн

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд афæндараст ис дунейы чемпионатмæ Будапештмæ, йе 'сконды дыууæ ирон богалы – Сидахъты Зауыр æмæ Цæкулаты Батырбег
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд цыппæрæмы афæндараст ис дунейы чемпионатмæ. Командæйы уæнгтæн сæ хæдæттыл ис Къудухты Бесикы хуызист, чъылдымфарс та уæлахиз зынгхуыст богалæн снывонд кæныны фыст.

Къудухты Бесикы мысӕнӕн сисдзысты аивадон киноныв

Богалы бинойнаг Къудухты Кристина ныффыста бузныджы ныхæстæ йæ фарсыл "Instagram"-ы.

Уæрæсейы спортивон кад хъахъхъæндзысты дыууæ ирон богалы, 2018 азы бæстæйы чемпионаты уæлахиздзаутæ Сидахъты Зауыр (74 кг) æмæ Цæкулаты Батырбег (92кг).

Уæрæсейы тырысайы бын æмткæй архайдзысты 10 богалы — фараст чемпионы æмæ Гаджимурад Рашидов, кæцы расгуыхт "Мемориал Циолковского"-йы.

Командæйы капитан у олимпиаг чемпион Абдулрашид Садулаев.

Дунейон ерыстæ райдайдзысты 20 октябры Будапешты.