ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы аварийы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфтой ӕртӕ адӕймаджы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд Дзау-Рук фӕндаджы ӕстӕм километрыл.
Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, "ВАЗ 21102" хӕдтулгӕ, кӕцыйыл скъӕрдта Дзауы районы Кърозы хъӕуы 48-аздзыд цӕрӕг, сӕмбӕлд "КАМАЗ"-имӕ, кӕцыйы шофыр уыд Цхинвалы 59-аздзыд цӕрӕг.
"Цауы фӕстиуӕгӕн рог хӕдтулгӕйы шофыр ӕмӕ дыууӕ пассажиркӕйы — Кърозы хъӕуы 30-аздзыд цӕрӕг ӕмӕ Уанелы хъӕуы 32-аздзыд цӕрӕджы алыгъуызон цӕфтимӕ аластой Цхинвалы рынчындонмӕ", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
МХМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, медицинон багӕрст сбӕрӕг кодта, рог хӕдтулгӕйы шофыр кӕй уыд нозтджын, уӕзласӕн хӕдтулгӕйы шофыр та ӕрвонг.
Басгӕрст уадзы Дзауы районы автоинспекци.