Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд уӕрӕсейаг ӕмӕ абхазаг коллегӕтимӕ

Фарсытӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстад сфидар кӕнын ӕмӕ фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕныны проблемӕтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Практикон фӕлтӕрдзинад ӕмӕ информаци баивыны фадат баххуыс кӕндзӕн криминалон цауты рӕстӕджы оперативон архайд кӕнынӕн, бахахх кодта Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр кусӕгон фембӕлды рӕстӕджы йӕ коллегӕтимӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг бафӕдзӕхста дисциплинӕ халджыты

Фембӕлд ацыд Цхинвалы. Фарсытӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстад сфидар кӕнын ӕмӕ фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕныны фарстытыл.

"Практикон фӕлтӕрдзинад ӕмӕ информаци баивыны фадат баххуыс кӕндзӕн криминалон цауты рӕстӕджы оперативон архайд кӕнынӕн. Ӕз хъуыды кӕнын, дарддӕр дӕр нӕ уагдӕтты ӕхсӕн ахастытӕ кӕй фидар кӕндзысты", — радӕтта пресс-службӕ Наниты Игоры ныхӕстӕ.

Республикӕйы МХМ сӕргълӕууӕг загъта бузныг уазджытӕн ӕнтыстджын ӕмгуыстад ӕмӕ ӕмархайды тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, уагдӕтты ӕхсӕн ахастытӕ кӕй сфидар уыдзысты.

Фембӕлды кӕрон Наниты Игорь радта йӕ коллегӕтӕн уагдонон хорзӕхтӕ.