Цыппар аварийы иу къуыримæ: Хуссар Иры МХМ фæндæгтыл уавæры тыххæй

Фæндагон-транспортон цауты фæстиуæгæн зиан баййæфтой фондз адæймаджы, фехъусын кодтой уагдоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Ивгъуыд къуырийы Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл æрцыд цыппар фæндагон-транспортон цауы, кæцыты фæстиуæгæн фæцæфтæ сты фондз адæймаджы, хъусын кæны республикæйы мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.

Ныццавтой пенсиисæджы

Уагдоны радзырдтой, къуырисæры, 15 октябры ВАЗ-2106 хæдтулгæйы 37-аздзыд шофыр кæй баскъæрдта Цхинвалы районы Ксуисы хъæуы 86-аздзыд цæрæгыл.

Зианбаййафæгæн асаст йæ сины стæг, афтæ ма райста сæры магъзы æнкъуыст, афтæмæй йæ фæхæццæ кодтой республикон рынчындонмæ.

Медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй шофыр уыд нозтджын.

ФТЦ Транскамыл

Ноджы ма иу авари æрцыд цыппæрæмы Дзауы районы, автотрассæ Дзау-Рукъы æстæм километрыл.

Ӕртӕ зианбаййафӕджы: Дзауы районы сӕмбӕлдысты рог ӕмӕ уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕ

Хæдтулгæ "ВАЗ 21102", кæцыйы скъæрдта Кърозы хъæуы 48-аздзыд цæрæг, сæмбæлд уæзласæн машинæимæ. Аварийы фæстиуæгæн рог хæдтулгæйы дыууæ пассажиркæ райстой буары цæфтæ æмæ сæ баластой Цхинвалы рынчындонмæ.

МХМ банысан кодтой, рог машинæйы шофыр кæй уыд нозтджын, Камазы шофыр та уыд æрвонг.

Дыууæ BMW нæ бафидыдтой

Уыцы бон ма BMW-йы 17-аздзыд шофыр, Октябры уынгыл Мæскуыйаг уынджы рдæм фæцæйцæугæйæ, сæмбæлд BMW X5 машинæимæ. Цауы фæстиуæгæн зиан баййæфта æнахъом шофыр æмæ йæ фæхæццæ кодтой рынчындонмæ.

Нывæзтон рейдтæ

Мидхъуыддæгты министрады ма радзырдтой, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ рейдты рæстæджы кæй рабæрæг кодтой фæндагон фæткы 232 фехæлды, 14 шофыры машинæ скъæрдтой нозтджынæй.