Хуссар Иры минæвар ныссагъта бæлас ӔАМПИ-йы "Хæларады аллейы"

Университеты ацыд ректор, студенттæ æмæ Хуссар Ирыстоны минæвары хайадистæй тала ныссадзыны цытджын церемони
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр дыццæджы хайад райста Ӕхсæнадæмон ахастыты мæскуыйаг паддзахадон институты (ӔАМПИ) "Хæларады аллейы" тала ныссадзыны церемонийы. Мадзалы хайад райстой Мæскуыйы дипломатон мисситы минæвæрттæ, ӔАМПИ-йы ректор Анатолий Таркунов æмæ студенттæ, загътой минæварады пресс-службæйы.

Мæскуыйаг юракадеми æмæ ХИПУ сног кæндзысты æмгуыстады сразыдзинад

"Ӕхсызгон мын у, ӔАМПИ-йы размæцыды фонд æмæ ректоры æххуысæй "Хæларады аллейы" географи азæй–азмæ кæй стырдæр кæны. Абон, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны дæсæм юбилейон азы, мах дæр бамбал уыдзыстæм ацы стыр бинонтæм", — загъта Гасситы Знауыр.

Уый бахахх кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы фæрцы Хуссар Ирыстон æнтыстджынæй скъуыддзаг кæны паддзахадон арæзтады фарстытæ. Минæвар ма равдыста ныфс, аллей дарддæр дæр уæрæх кæй цæудзæн, "дыууæ бæстæйы æхсæн æмгуыстат та райсдзæн ног мидис".