Рæстæгимæ æмдзу: газет "Южная Осетия" скусын кодта ног сайт

Раздæры сайт уыд хуымæтæг æмæ рæстæджы домæнтæн дзуапп нал дæтта
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæйраг паддзахадон мыхуыры фæрæзтæй иу — газет "Южная Осетия" скусын кодта ног сайт.

Газеты сæйраг редактор Чилæхсаты Александр Sputnik радзырдта, ацы хъуыддаг саразын уый кæй хъавыд, ныры бынатмæ нысан куы рцыд, уæдæй фæстæмæ.

"Раздæры сайт уыд хуымæтæг, æмæ нæ домæнтæн дзуапп нал дæтта, æгæрыстæмæй дзы уыд бирæ рубрикæтæ, кæцытæ нæ куыстой. Мах хъуыд сайт нырыккон дизайнимæ", — загъта уый.

Уымæй дарддæр ма зæронд сайтыл уыйбæрц цыдæртæ уыд ивинаг æмæ "æнцондæр уыд саразын ног".

ИА "Рес"-ы ног редактор бакæндзæн сайты ирон верси латиницæйыл

Редакци Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты цалдæр веб-студимæ бахатыд æххуысмæ, кæцытæн ис ацы фадыджы куысты фæлтæрддзинад.

"Фæстæдæр мах базыдтам, Хуссар Ирыстоны кæй ис веб-студи. Мах бахатыдыстæм программисттæ Бететы Юрий æмæ Джиоты Александрмæ, сæ куыстытæ сын федтам, нæ зæрдæмæ фæцыдысты. Стæй аскъуыддзаг кодтам бынæттон кусджыты фарс балæууын", — загъта редактор.

Редакцийы радон нысан та у, бафтыдта уый, интернеты тыгъдад раразмæ кæнын.