Хуссар Иры президент материалон ӕххуыс бакодта рынчын лӕппуйӕн

Фарастаздзыд Джабиты Денисӕн аварийы фӕстӕ йӕ бон нӕдӕр йӕ къӕхтыл лӕууын у, нӕдӕр бырын, лӕппуйы бинонтӕн баххуыс кодта Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сдзуапп кодта сывӕллонӕн адресон ӕххуыс бакӕныны куырдиатӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Фарастаздзыд Джабиты Денисы бинонтӕ бадзырдтой президентмӕ рынчын сывӕллонмӕ зилыны фӕдыл ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕ балхӕныны тыххӕй.

Президент Анатолий Бибилов откликнулся на просьбу о помощи

Сывӕллоны хӕстӕг сылгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Денис уӕззау ФТЦ-йы фӕстиуӕгӕн райста рагъыстӕджы травмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ сывӕллонӕн йӕ бон нӕу нӕдӕр цӕуын, нӕдӕр бырын.

"Ахӕм фӕстиуджытӕм ӕркодта рагъыстӕджы травмӕ. Германи ӕмӕ Мӕскуыйы хоскӕнынад нырма нӕ радта зынгӕ фӕстиуджытӕ. Денис иудадзыг вӕййы реабилитацийы Дзӕуджыхъӕуы", — загъта сылгоймаг.

Уый загъта бузныг республикӕйы президентӕн аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕххуысы тыххӕй.