Хуссар Ир сратификаци кодта ӕмгуыстады бадзырд Сириимӕ

Хуссар Ирыстоны депутаттӕ иууылдӕр хорзыл банымадтой документы ратификацийы фӕдыл закон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрӕмбоны сратификаци кодта хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Сириимӕ.

Документ бафыстой ацы аз июлы, Сири куы банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад, уымӕй дыууӕ мӕй фӕстӕдӕр.

Сирийы парламент сратификаци кодта Хуссар Иримӕ ӕмгуыстады бадзырд

"Сириаг коллегӕтӕ ныридӕгӕн сратификаци кодта бадзырд. Мах фӕстӕ кодта фарстмӕ ӕркаст ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй нӕ коллегӕтӕ Сирийӕ ӕрцӕуой ардӕм, фӕлӕ баныхасы рӕстӕджы рабӕрӕг ис, уыдонӕн ахӕм фадат кӕй нӕй", — загъта парламенты ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Игорь.

Бадзырды дзырдӕуы, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сири кӕй тырнынц дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн ахастытӕ райтынг кӕнынмӕ.

Документмӕ гӕсгӕ, фарсытӕ райтынг кӕндзысты ӕмгуыстад ӕддагон политикӕ, базарад, экономикӕ, зонад, ахуырад, культурӕ ӕмӕ спорты фадгуыты.

Бадзырды хицӕн пунктӕй фыст ис, фарсытӕ кӕй сараздзысты хорз экономикон, финансон ӕмӕ барадон уавӕртӕ амалиуӕгадон, инвестицион ӕмӕ ӕндӕр экономикон архайдӕн.