Цхинвалы цӕрӕджы фӕивар кодтой 10 мин сомы гӕнӕй пайда кӕныны тыххӕй

Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ӕрцахстой горӕты цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта "административон ӕмӕ уголовон бӕрны тыххӕй наркотикон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны фӕдыл" закон фехалынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Цхинвалы тӕрхондон фӕивар кодта дӕс мин сомы бӕрц 37-аздзыд бынӕттон цӕрӕджы наркотикон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой гӕн зайын кӕныны тыххӕй

"Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ӕрцахстой горӕты цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта "административон ӕмӕ уголовон бӕрны тыххӕй наркотикон ӕмӕ психотропон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны фӕдыл" закон фехалынымӕ", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, нӕлгоймаг кӕй пайда кодта наркотикон буарад "гӕн"-ӕй.