ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны таможнӕйон службӕ йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ бахаста стыр хайбавӕрд республикӕйы паддзахаддзинады арӕзтад ӕмӕ райрӕзтмӕ, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы таможнӕйы кусджыты профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.
Хуссар Ирыстоны таможнӕ сарӕзтӕуыд 26 азы размӕ — 1992 азы ноябры. Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, абон уагдон фылдӕр кӕны республикӕйы бюджет, ӕххӕст кӕны йӕ экономикон ӕдасдзинад, ӕххуыс кӕны Уӕрӕсеимӕ базарадӕн.
"Фидарӕй гӕнӕн ис зӕгъын, Паддзахадон таможнӕйы комитеты куыст кӕй хуыздӕр кӕны азӕй азмӕ, уӕ архайды руаджы та ӕххӕст цӕуы Республикӕ Хуссар Ирыстоны националон интересты ӕдасдзинад", — радӕтта президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, профессионализм ӕмӕ стыр бӕрн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн таможнӕйы кусджытӕн ӕххӕст кӕнын сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.