Дон æмæ хид: Дзауы районы уадзынц арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ

Районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ архайынц Гуфтамæ дон бауадзыныл æмæ Моргомæ хид сцалцæгкæныныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзауы районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ архайынц Гуфтайы хъæумæ дон бауадзыныл æмæ Моргойы хъæумæ та сцалцæг кæнын хид, дыууæ арæзтадон фæзуаты дæр куыстытæ балхынцъ уыдзысты æввахс рæстæджыты, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службæйы.

"Районы разамынадмæ бахатыдысты Гуфтайы хъæуы цæрджытæ. Ныридæгæн доны хахх уагъд цæуы ацы хъæуы цы 14 хæдзар ис, уыдонмæ, æввахс бонты хъуамæ куыстытæ балхынцъ кæной", — хъусын кæны пресс-службæ районы цæрæн-коммуналон хæдзарады хистæр Цхуырбаты Тамерланы ныхæстæ.

Дзауы районы уадзынц арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ

Уым ма банысан кодтой, куыстытæ кæй цæуынц Моргомæ хид сцалцæг кæныныл дæр.

"Ацы хид кæны æртæ цæрæн пунктмæ — Морго, Жрия æмæ Къуылыхты хъæумæ æмæ йыл æдæрсгæйæ автотранспортæн ацæуæн нæ уыд. Ам дæр хъуамæ æввахс бонты фæуой цалцæггæнæн куыстытæ", — бафтыдтой пресс-службæйы.

Дзауы районы уадзынц арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ