Транскам бацӕттӕ кодтой зымӕгмӕ

Транскавказон автомагистраль цӕуы хӕхтыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бацӕттӕ кодтой зымӕгмӕ, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Транскамыл бакуыстой Уӕлвӕткон уавӕрты рӕстӕджы архӕйдтыл

Дзӕуджыхъӕуы Росавтодоры ведомствӕйон филиал "Кавказ"-ы информацимӕ гӕсгӕ, Транскамыл ис ӕрвылазон кусгӕ базӕ, цы ран уӕвы техникӕйы хай — трактортӕ, бульдозертӕ, грейдертӕ. Ихцъары ныхмӕ тох кӕныны тыххӕй бацӕттӕ кодтой змисы дыууӕ базӕ.

Зӕйты рӕстӕджы та автотранспорты ацӕуыны тыххӕй техникӕ фӕндаг сыгъдӕг кӕндзӕн дыууӕрдӕм дӕр.

Афтӕ ма зымӕджы филиал ӕмӕ нардуатон организаци ООО "Кавказ-Автодор" архайдзысты зӕйты ныхмӕ службӕимӕ иумӕ.

Транскавказон автомагистраль цӕуы хӕхтыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе.