Уæлмæрдмæ фæндаг: Дзауы районы аиуварс кодтой хъæуы цæрджыты проблемæ

Дзауы районы Угæрдæнты хъæуы цæрджытæн зымæг æмæ къæвда бонты сæ зиæнтты фæстаг балцы афæндарст кæнын уыд стыр проблемæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзауы районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ айгæрстой фæндаг Угæрдæнты хъæуы уæлмæрдмæ. Уый тыххæй бахатыдысты хъæуы цæржытæ сæхæдæг, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Дон æмæ хид: Дзауы районы уадзынц арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ

Дзауы районы Угæрдæнты хъæуы цæрджытæн зымæг æмæ къæвда бонты сæ зиæнтты фæстаг балцы афæндарст кæнын уыд стыр проблемæ.

"Районы цæрæн-коммуналон хæдзарады паддзахадон унитарон куыстуат ногæй айгæрста фæндаг æмæ йæ сцалцæг кодта. Тынг хорз бакуыстой кусджытæ — цыбыр æмгъуыдмæ срæвдз кодтой æрдæг километры дæргъæн фæндаг", — хъусын кæны пресс-службæ уагдоны хистæр Цхуырбаты Тамерланы ныхæстæ.

Уагдоны бафтыдтой, Дзауы районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ ма кæй архайынц Гуфтайы хъæумæ дон бауадзыныл æмæ Моргойы хъæумæ та хид сцалцæг кæныныл.

Уæлмæрдмæ фæндаг: Дзауы районы алыг кодтой хъæуы цæрджыты проблемæ