Хуссар Иры президент хайад райста Луганскы сӕргълӕууӕджы инаугурацийы

Бибылты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ЛАР сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник йӕ хӕсадмӕ куы бахиза, уӕд республикӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн ахастытӕ фидар кӕндзысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хайад райста Луганскы Адӕмон Республикӕйы сӕргълӕууӕг Леонид Пасечникы инаугурацийы.

Мадзал ацыд ӕртыццӕджы Луганскы, хайад ма дзы истой ДАР сӕргълӕууӕг Денис Пушилин, Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазӕй делегацитӕ ӕмӕ ӕндӕр уазджытӕ.

Хуссар Иры президент хайад райста Луганскы сӕргълӕууӕджы инаугурацийы

Церемонийы фӕстӕ Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстон ӕмӕ ЛАР ӕхсӕн ахастытӕ кӕй фидар кӕндзысты.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ЛАР-имӕ ахастытӕ уӕрӕх кӕндзысты. Мӕн уырны, Леонид Пасечник йӕ хӕсадмӕ куы бахиза, уӕд нӕ республикӕты ӕхсӕн ахастыты ӕмвӕзад фӕуӕлдӕр уыдзӕн", - радӕтта Бибылты Анатолий ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, Леонид Пасечник у ӕцӕг патриот, кӕцы уарзы йӕ адӕм ӕмӕ республикӕйы.

Хуссар Иры президент хайад райсдзӕн Донецкы сӕргълӕууӕджы инаугурацийы

ЛАР ӕвзӕрстытӕ цыдысты 11 ноябры. Республикӕйы сӕргълӕууӕджы номыл тох кодтой цыппар кандидаты, кӕцыты ӕхсӕн уыд ЛАР сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Леонид Пасечник. Хъӕлӕсдӕттыны фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, Пасечник рамбылдта ӕвзӕрстытӕ.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.