Хуссар Иры банысан кӕндзысты Ӕбӕрӕг Солдаты бон

Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минӕварады сӕргълӕууӕг ӕмӕ культурӕйы министр радзырдтой, цы мадзӕлттӕ ацӕудзысты республикӕйы Ӕбӕрӕг Солдаты боны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны декабры ацӕудзысты Ӕбӕрӕг Солдаты бонӕн нывонд мадзӕлттӕ. Россотрудничествойы минӕварады сӕргълӕууӕг Сергей Скворцов ӕмӕ культурӕйы министр Зассеты Жанна радзырдтой Sputnik пресс-центры, цы ран ӕмӕ куыд нысан кӕндзысты республикӕйы ацы датӕ.

Датӕ сфидар кодта Уӕрӕсейы президент, нысан ӕй кӕнынц 2014 азӕй фӕстӕмӕ.

"Ацы датӕйы истори райдыдта раздӕр. 1966 азы 3 декабры Уӕрӕсейы ногӕй баныгӕдтой ӕбӕрӕг солдаты Кремлы къулы раз. Иу азы фӕстӕ, 8 майы, бакодтой Ӕбӕрӕг Солдаты мемориал, кӕцы у Уӕрӕсейы Федерацийы фыццаг пост", — радзырдта Сергей Скворцов.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзӕлттӕ, кӕцытӕ сты нывонд ацы датӕйӕн, ацӕудзысты алкӕцы бӕстӕйы дӕр, цы ран кусынц Россотрудничествойы минӕварадтӕ.

"Ӕнӕмӕлгӕ полк" ссардта Хуссар Иры дыууӕ мин ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕджы ингӕны

"Фыццаг мадзал уыдзӕн Ӕбӕрӕг Солдаты рухс ном ссарыны тыххӕй дидинджыты сӕвӕрд, уый ацӕудзӕн 3 декабры 13.30 сахатыл Кады Аллейы Цхинвалы. Мах ӕрымысдзыстӕм ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы дӕр, кӕцыты бинонтӕ нӕ зонынц, кӕм сты ныгӕд сӕ хиуӕттӕ", — загъта Россотрудничествойы минӕварады сӕргълӕууӕг.

Культурӕйы министр Зассеты Жанна банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы аз республикӕйы библиотекӕты ацӕудзысты фембӕлдтӕ кӕсджытимӕ.

Афтӕ ма культурӕйы министрад цӕттӕ кӕны документалон киноныв — Ӕбӕрӕг Солдаты цыртыты презентаци.

"Гуырдзиаг-ирон хӕсты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы агурыны организацийы, кӕцыйы сӕргъ лӕууы Куыдзеты Лидия, фӕнды саразын цырт. Бынат ныридӕгӕн рахицӕн кодтой. Фӕлӕ уый хуымӕтӕг цырт нӕ уыдзӕн", — радзырдта Зассеты Жанна.

Ӕбӕрӕг солдаты боны цытӕн ма Хусар Ирыстоны скъолаты ауадздзысты мысӕн уроктӕ.